ЦХИНВАЛ, 18 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад бахаста ивындзинæдтæ къорд законмæ лицензикæнынады фæдыл.
Экономикон райрæзты министр Тадаты Дзамболат бахахх кодта, зæгъгæ, цæмæй лицензи дæттæг органтæ иумæйаг реестр уадзой, уый фæдыл хъæуы сфидар кæнын лицензийы реестры арæзтады фæтк, афтæ ма лицензийы формæ.
Уый фæдыл законы 17 статьямæ хъæуы бахæссын ноджы иу пункт "Архайды хицæн хуызты лицензикæнынады фæдыл".
Афтæ ма ноджы къорд статьяйы æркодтой Хъалонты кодексы нормæты домæнтæм. Хъалонты кодексмæ дæр бахастой ивындзинæдтæ, кæцытæм гæсгæ ист цæудзæн 100 сомы лицензи дæттæг органæй куырдиатмæ æркæсын æмæ реестрæй рафыст райсыны тыххæй.
Тадаты Дзамболат бафтыдта, зæгъгæ, законыл нырма хъæуы бакусын.
Юстицийы министр Гаглойты Олег банысан кодта, архайды хицæн хуызты лицензикæнынады фæдыл законы "реалондзинад цъус ис", уымæн æмæ дзы фыст ис архайды 50-йæ фылдæр хуызы, кæцыты хъæуы лицензикæнынад, фæлæ хъуыддаджы та уыдоны фылдæр хайæн бæрæг нæу орган, кæцы архайдзæн ууыл.
Гаглойты Олег банхъардта ногæй бакусын законыл æмæ æркæсын йæ цалдæр пунктмæ.