ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн Уӕрӕсейы рдыгӕй республикӕйы хӕдбардзинад банымайынӕн нывонд акци "Гом библиотекӕ", уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта Анахарсисы номыл республикон национ библиотекӕйы директор Гуыцмӕзты Инна.
"Мадзал ацӕудзӕн Анахарсисы номыл национ библиотекӕйы фойейы 25 августы 11:00-ӕй 15:00 сахаты онг. Ацы ран ӕвӕрд ӕрцӕудзысты стеллажтӕ чингуытимӕ, алкӕмӕндӕр фадат уыдзӕн равзарын ӕмӕ ахӕссын иу чиныг. Афтӕмӕй мах фӕнды саразын лӕвар нӕ чиныгкӕсджытӕн ӕмӕ ӕрбаздахын фылдӕр адӕмы", - загъта Гуыцмӕзты Инна.
Акцийы бавдисдзысты чингуытӕ, кӕцытӕ рауагътой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайынмӕ, афтӕ ма чингуытӕ, кӕцытӕ нывонд сты гуырдзиаг-ирон конфликтӕн.