Хуссар Иры ахицӕн ис традицион турнир шахматтӕй скъоладзауты 'хсӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ахицӕн ис традицион турнир шахматтӕй скъоладзауты 'хсӕн "Цинагарское лето".
Ерысты призтыл тох кодтой республикӕйы кӕстӕр кары тыхджындӕр спортсментӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн шахматты федерацийы хистӕр Саулохты Георгий.
"Турнир "Цинагарское лето" уадзӕм ӕртыккаг аз фӕд-фӕдыл. Ацы хатт дзы архайдтой республикӕйы 26 хуыздӕр хъазӕджы, кӕцытӕ сты скъолайы кары", - загъта Саулохты Георгий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къорд "А", цы ран хъазыдысты тыхджындӕртӕ, уӕлахиздзау ссис Джыгкайты Артур, дыккаг бынатыл ацыд Михаил Логачев, ӕртыккаг призер та ссис Чилӕхсаты Вадим.
Кӕстӕр къорды уӕлахиздзау та ссис Бесаты Батрадз. Спортивон мадзал бацӕттӕ кодта Шахматты федераци, скъола "Белая ладья" ӕмӕ Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астӕуккаг скъолайы ӕххуысӕй.