"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 1 сæр

Sputnik
Сывæллæттæ арæхдæр æмбырд кæнынц Томаты кæртмæ. Ам сæ хъыгдарæг нæй. Ам алцæмæйдæр сæрибар сты. Цы сæ фæнды, уый аразынц, сæхи ирхæфсынц, хъазынц, худынц, зарынц. Абон дæр та ардæм фембырд сты сабитæ. Хур дзæгæрæгæй судзы бæстæ. Фæлæ Томайы стыр тута йæ цæнгтæ ныппæлæхсар кодта æмæ зæхмæ иунæг хуры тын нæуадзы.
Бæппи æмæ Ксена иумæ аразынц хæдзар.
— Куы сырæза, уæд дзы æз æмæ ды иумæ цæрдзыстæм, — зæгъы Бæппи.
— Фу! Æмæ дзы кæуылты бабырдзыстæм?
— Цу, уæртæ дуртæ радав æмæ йын стыр дуар саразæм.
— Æз дзы мæ хъулон гокойы дæр бакæндзынæн.
— Æз та дзы мæ уæныг Саджейы бакæндзынæн.
Дыууæ сабийы æнцад-æнцойæ хъазынц. Сæ алыварс цы цæуы, уый зонгæ дæр нæ кæнынц. Сæрмæт æмæ Агуындæ та сыджыт нæмынц. Сæрмæт аразы Сауийы бæхы хуызæн "бæх", Агуындæ та "хæбизджынтæ" кæны.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.