"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 9 сæр

Sputnik
...Тома хуыссы уагълыйы къутæры фæстæ. Хур ралæст мигъы бæзджын пирæнгæмттæй æмæ йæ цæст ныкъулы æрдзмæ. Мит батад. Æрмæст ма лæзæрд хъæддзулау зыны бæрзæндтыл, адгуыты та — хъæпæнæвæрдæй. Дæлвæзты йæ кой дæр нали. Зæхх ссур. Улæфы æмæ адджын тæф хæссы Томайы фындзы хуынчъытæм.
Мæлдзыг йæ тарф фынæйæ райхъал. Кæцæйдæр мæры бынæй рахылд. Нырма йæ уæнгтæ æндзыгау сты, æнæхъæн зымæджы дæргъы йын æнæзмæлгæ кæй уыдысты, уый тыххæй. Нырма лæмæгъ у. Чысыл куы ауайа, уæд та йæ гаччы абаддзæн, спартаны хæстонау хъандзал æмæ уæнгрог суыдзæн. Цъæнуты ’хсæнты цы ног кæрдæджы хæлттæ суади, уыдонæй сæ иуыл афæлвæрдта сбырын, фæлæ фæстæмæ æрхауд, къæхтæ йæ нæма аразынц. Кæцæйдæр фæзынд дзывылдар. Æрхы былты суад, цыдæр уырынгон фелвæста æмæ фæпæррæст кодта, цыма Томайæн æмбарын кодта: "Æрцыд уалдзæг! Тагъд ралæудзæн хуымгæнæн". Уый уыдзæн, Тома куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ дыккаг уалдзæг.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлцæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.