Нарты кадджытæ. Батырадз æмæ Хурычызг

Sputnik
Батырадз тыхджын уыди. Ныхæй ныхмæ йæм лæг нæ лæууыди. Цыфæнды тыхгæнæгмæ дæр-иу цыдис æргомæй, ничи йæ фæрæзта басæттын, æмæ Батырадз дæр уымæн хуынди.
Батырадз иу ран бадын нæ уарзта. Цыди цуаны, цыди балцыты. Никуы йыл сымбæлди ахæм тых, æмæ Батырадзы чи басæтта.
Иубон зæгъы йæхицæн: "Хъуамæ мæ хъару бавзарон. Æрзилон зæххыл æмæ сфæлварон мæ тых алкæимæ дæр".
Бацыди Сатанамæ æмæ йын зæгъы:
- Дард балцы цæуын æмæ, Нартæм хуыздæр хæцæнгарзæй цы ис, уый мын радт.
Сатана йын радта, Батырадз цавæр хæцæнгæрзтæ агуырдта, ахæмтæ. Райста йемæ иу рæхыс Батырадз, ыстæй, Нарты рæгъауы хуыздæр чи уыд, ахæм бæх равзæрста, сбадти йыл æмæ афардæг йæ дард балцы.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.