Лолаты Аслан радзырдта РХИ скъолаты зынгсирвæзт хуыссын кæныны системæйæ ифтонгкæнынадыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны 49 астæуккаг ахуырады уагдонæй æрмæстдæр дыууæ сты æмбæлон уагæй ифтонг зынгсирвæзтты æдасдзинады системæйæ. Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы рæстæджы Паддзахадон информаци æмæ мыхуыры комитеты радзырдта республикæйы ахуырады министр Лолаты Аслан.
"Уый у тынг актуалон фарст. Уыимæ иумæ хъæуы банысан кæнын, æппæт скъолатæ ифтонг кæй сты зынгсирвæзт хуыссын кæныны фыццаджы фæрæзтæй. Республикæйы ахуырадон уагдæтты зынгсирвæзт хуыссын кæныны системæ сæвæрынæн та хъæуы егъау финансон хæрдзтæ. Ахуырад æмæ зонады министрад æмæ республикæйы къухдариуæгад зонынц ацы проблемæйы тыххæй æмæ ныртæккæ агурынц ацы уавæры скъуыддзаг", - загъта Лолаты Аслан.
Ахуырады министрады разамонæджы ныфс ис, ацы проблемæ тагъд рæстæджы кæй бантыстдзæн æххæстæй аскхуыддзаг кæнын.
Лолаты Аслан радзырдта РХИ скъолаты зынгсирвæзт хуыссын кæныны системæйæ ифтонгкæнынадыл