ЦХИНВАЛ, 7 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æввахс бонты арвитдзæн гуманитарон æххуысы радон парти ирон хæстонтæн, кæцытæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО). Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Плиты Алан.
Хуссар Иры президент арвитдзæн гуманитарон æххуыс СÆО хæстонтæн
© Sputnik / Михаил Авагимов
"Президенты барамындмæ гæсгæ æввахс бонты СÆО зонæмæ арвитдзыстæм гуманитарон æххуыс. Махæн ис иудадзыг бастдзинад нæ хæстонтимæ, æмæ сæ ныртæккæ тынг хъæуы транспорт. Уый фæдыл мах арвитдзыстæм æхсæз автомобилы "Нива", кæцыты уæлæмхасæй сæвæрдзыстæм фыццаг æнæмæнгхъæугæдзинады æрмæджытæ, афтæ ма техникон фæрæзтæ. Президент уæлдай хъусдард здахы нæ хæстонтæм, æмæ мах иууылдæр æнхъæлмæ кæсæм се ‘рыздæхтмæ Уæлахизимæ!", - банысан кодта Плиты Алан.
Уый у гуманитарон æххуысы æртыккаг егъау парти президентæй. Ацы аз апрелы Гаглойты Алан йæхæдæг æрласта гуманитарон æххуысы парти 4-æм æфсæддон базæйы хæстонтæн, афтæ ма бархионтæн "Алания" æмæ "Шторм" батальонтæй.
Плиты Алан
© Sputnik / Михаил Авагимов