Хуссар Иры нысан кæнынц Паддзахадон Тырысайы бон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 сен – Sputnik, Козаты Диана. Ирон тырыса ссудзы нæ адæмы алкæцыйы минæвары зæрдæйы дæр иууыл ирддæр æнкъарæнтæ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.
Республикæ дыццæджы нысан кæны Паддзахадон Тырысайы бон. Хуссар Ирыстоны столицæйы сæйраг фæзуатыл ацыд бæрæгбонон мадзал. Цыты караулы ротæйы æфсæддонтæ рахастой ирон тырыса æмæ йæ сæвæрдтой президенты администрацийы бæстыхайы раз.
"Урс-сырх-бур тырыса æвдисы нæ Фыдыбæстæйы тых æмæ национ иудзинад. Уый мидæг æвæрд сты нæ паддзахаддзинад, нацийы хиæмбарындзинад æмæ монон хæзнатæ", - загъта Гаглойты Алан йæ раныхасы.
Паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ирон тырыса иу кæны адæмы тырнындзинад бахъахъхъæнын сæрибардзинад, кæцыйæн бафыстой стыр аргъ.
Президент ма бахахх кодта, тырысаимæ, кæцыйы раз ард бахæрынц, баст сты нæ паддзахады историйы хъайтардзинады бонтæ.
"Абон нæ тырысайы бын ирон хæстонтæ удуæлдай тох кæнынц фашизмы ныхмæ Украинæйы, хъахъхъæнынц нæ истори æмæ нæ хæзнатæ. Ирон тырыса сæ иу кæны, дæтты сын тыхтæ уæлахизмæ фæндагыл", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Цхинвалы Театралон фæзуатыл нысаниуæгджын датæйы ацыд бæрæгбонон концерт дæр.