Хуссар Иры шахматисттæ рамбылдтой олимпиаг командæйы уæнг Хорхе Гонсалесы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны шахматисттæ рамбылдтой Кубайы олимпиаг командæйы уæнг Хорхе Гонсалесы. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны шахматты Федерацийы президент Саулохты Георгий.
"Сенсацион хатдзæгтæ нæм ис. Мах рамбылдтам æхсæнадæмон гроссмейстер Хорхе Гонсалесы. Йæ ныхмæ хъазыдысты фараст шахматисты, æмæ мах рамбылдтам 7:2 хыгъдæй", - банысан кодта Саулохты Георгий.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хайад истой республикæйы æрыгæтты командæ æмæ дыууæ тренеры – Саулохты Георгий æмæ Къодоты Андрей. Æрыгæтты командæйы скондæй рамбылдтой Уанеты Валерия, Тыбылты Анна, Джыгкайты Артур, Чилæхсаты Вадим æмæ Коцты Юра.
Хъазт ацыд онлайн-форматы хуыцаубоны. Мадзал ауадзыны бæстыхай радта Россотрудничествойы минæварад Цхинвалы.
Хуссар Иры шахматисттæ рамбылдтой олимпиаг командæйы уæнг Хорхе Гонсалесы