ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik, Козаты Диана. Дзауы поселочы дыццæджы президенты хайадистæй бакодтой ног сквер. Райцентры цæрджытæ æмæ уазджыты улæфæн бынат ис районы администрацийы агъуысты цур.
Бæрæгбонон мадзалы хайад райста президент Гаглойты Алан, парламенты спикер Æлборты Алан. Уазджытыл сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ – æртæ уæливых, бæгæны æмæ зарджытимæ.
"Тынг æхсызгон мын у алы бон дæр нæ бæстæ рæсугъдæй-рæсугъддæр кæй кæнæм. Никуыдæм фæнд кæнæм ацæуын ардыгæй, ам сты не ᾿ввахс адæм æмæ нæ фыдæлты уæлдмæрдтæ. Уый тыххæй мах хъæуы аразын алцыдæр, цæмæй нæ цард фæхуыздæр кæнæм, саразæм æй рæсугъддæр", - загъта Гаглойты Алан.
Символикон сырх уадздзаг алыг кодтой районы сæргълæууæг Тыбылты Ванда æмæ президент Гаглойты Алан.
Скверы баконды рæстæджы ауагътой чысыл концерт. Район суазæг кодта националон хæринæгты хæрзаддæртæй – дзыкка, нартхоры кæрдзын, физонæг, пецы дзул æмæ сæнæй.