Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ᾿хсæн базарад 2022 азы уыдис 135 млн доллары бæрц

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik, Козаты Диана. Базайраджы змæлд Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ᾿хсæн 2022 азы ссис 135 милуан доллары онг, фехъусын кодта республикæйы базарады минæвар Гогинты Таймураз.

"Ковиды азты Уæрæсейы базайраджы змæлд фæскавказаг паддзахадтимæ уыд æппæрццаг нысаниуæгимæ, фæлæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ᾿хсæн фенын кодта æвæрццаг динамикæ. Абсолютон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2022 азы базайраджы змæлд нæ падддзахадты ᾿хсæн ссис 135 миллуан доллары. Сальдо, кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы пайдайæн у, уымæн æмæ 103 милуанæй фылдæр у Хуссар Ирыстонмæ импорт", - банысан кодта эксперт.

Уый бафтыдта, фæстаг азты Хуссар Ирыстон кæй æрнывыл кодта уæрæсейаг базармæ бæгæныйы экспорт дæр.
Цхинвалы дыццæджы ацыд æддаг экономикон архайд æххæстгæнæг амалиуæггæнджытæн вебинар.