Хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ турниры Мӕздӕджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 окт – Sputnik. Ӕвзонг гимнасткӕтӕ Хуссар Ирыстонӕй ӕнтыстджын ралӕуд скодтой гом фыццагады Мӕздӕджы ӕмӕ рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ РХИ гимнастикӕйы Федерацийы президент Бесаты Зитайы ныхӕстыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Ерысты хайад истой "Ир-Олимп амазонка" командӕйы 8-10 азы кары гимнасткӕтӕ.
"Ерысты сезон байгом. Дарддӕры ӕнтыстытӕ уын, чызджытӕ", - загъта Бесаты Зита.
Уый банысан кодта, балцы организацийӕн кӕй баххуыс кодта Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитет.
Спортсменкӕты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой тренертӕ Цхуырбаты Зема ӕмӕ Зассеты Элина.
Хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ турниры Мӕздӕджы