Гаглойты Алан раарфæ кодта Цæцæны къухдариуæггæнæгæн йæ райгуырæн боны цытæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Цæцæны сæргълæууæг Рамзан Кадыровæн йæ райгуырæн боны цытæн, хъусын кæны цыппæрæмы паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

"Цæцæйнаг Республикæйы сæргълæууæджы бынаты бирæ азты архайгæйæ, ды дæхи равдыстай нысанмæ тырнæг, бæрнон æмæ принципиалон къухдариуæгæй, республикæйæн та йæ къухы бафтыд æнтыстытæ йæ райрæзты", – банысан кодта Гаглойты Алан.

Президент бахахх кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Цæцæны иу кæнынц хæларадон ахастытæ, иу нысан сын ис: адæмы хуыздæр традицитæ æмæ фыдæлты бындуртæ хъахъхъæнын æмæ сын кад кæнын.
Гаглойты Аланы зæрдæ загъта Рамзан Кадыровæн фидар æнæниздзинад, сабырдзинад, æнæфæугæ энерги æмæ ног бæрзонд æнтыстытæ Цæцæны Республикæйы хорздзинадæн.