РХИ кабмин банхъардта УФ хицауадæн ракæнын республикæйы ног экспортон хъалонты бынæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад бадзырдта уæрæсейаг министрты кабинетмæ, цæмæй республикæйы сисой бæстæты номхыгъдæй, кæцытыл парахат кæнынц ног экспортон хъалонтæ, фехъусын кодта вице-премьер Тадтаты Дзамболат экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты рабадтыл. Уый тыххæй хъусын кæны закондæттæг органы пресс-службæ.

"РХИ хицауад бадзырдта Уæрæсейы хицауадмæ дыууæ хъæппæрисимæ: фыццаг – бахæссын ивындзинæдтæ УФ хицауады уынаффæмæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны банымайой бæстæйыл, кæцыйыл нæ парахат кæнынц таможнæйон хъалонтæ. Дыккаг – бакусын механизмыл, цæмæй фидæны ахæм мадзæлттæ ма парахат кæной республикæйыл. Мах банхъардтам æмæ ныридæгæн цæттæ кæнæм базайрæгтæ уæй кæныны бадзырдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл проект", - загъта Тадтаты Дзамболат.

РХИ кабмин банхъардта УФ хицауадæн ракæнын республикæйы ног экспортон хъалонты бынæй
Комитеты сæргълæууæг Тъехты Алан банысан кодта, ног экспортон хъалонты фæдыл æргъты фæфылдæр тыхсын кæны республикæйы æппæт цæрджыты, æмæ уый банхъардта æркæсын фарстмæ президиумы рабадт æмæ парламенты сессийыл, цæмæй саразой бадзырд УФ Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советмæ дæр ацы проблемæйы фæдыл.
РХИ кабмин банхъардта УФ хицауадæн ракæнын республикæйы ног экспортон хъалонты бынæй