Гаглойты Алан радта "Аивæдты сгуыхт архайæг"-ы ном Галаты Фонды гендиректорæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 окт – Sputnik. Галаты Аслан-Гирейы номыл культурæйы Фонды гендиректор Гаглойты Лианайы Хуссар Ирыстоны президенты барамындæй схорзæхджын кодтой "Аивæдты сгуыхт архайæг"-ы номæй.
Барамынд мыхуыргонд æрцыд паддзахады сæргълæууæджы сайтыл.
Нысангонд æрцыд, Гаглойты Лианайæн кадджын ном кæй радтой бирæазон пайдаджын архайды тыххæй Ирыстоны историко-культурон бынты бавæрыны хъуыддаджы æмæ егъау хайбавæрды тыххæй фыдыбæстæйон культурæ æмæ аивады райрæзтмæ.