Гаглойты Алан фӕивта Хуссар Иры хицауады структурӕ ӕмӕ сарӕзта кадрон ивындзинӕдтӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент бахаста ивындзинӕдтӕ республикӕйы ӕххӕстгӕнӕн органты структурӕмӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Раздӕр куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй республикӕйы сарӕзтой фӕллойад ӕмӕ социалон хъахъхъӕнынады министрад.
Хицауады структурӕмӕ бахастой сӕрдары хӕдивӕг – финансты министр ӕмӕ сӕрдары хӕдивӕг – юсстицийы министры бынӕттӕ. Вице-премьер – юстицийы министрӕй снысан кодтой Джиоты Аланы, кӕцы уый размӕ уыд РХИ президенты администрацийы разамонӕг.
Джиоты Алан
Президенты администрацийы ног разамонӕгӕй снысан кодтой Мӕргъиты Аланы, кӕцы уый размӕ уыд хъӕууон хӕдзарады министр.
Мӕргъиты Алан
Вице-премьер - финансты министрӕй снысан кодтой Тадтаты Дзамболаты, кӕцы уый размӕ куыста вице-премьер – экономикон райрӕзты министрӕй.
Тадтаты Дзамболат
Президент ссӕрибар кодта финансты министры бынатӕй Цӕрикъаты Хъазбеджы, уый уыд уагдоны разамонӕг ацы аз апрелӕй фӕстӕмӕ.
РХИ экономикон райрӕзты министрӕй президент снысан кодта Хъотайты Сӕрмӕты, уый размӕ куыста РХИ хицауады аппараты разамонӕгӕй.
Хъотайты Сӕрмӕт