ЦХИНВАЛ, 30 окт - Sputnik. Хуссайраг Сабыр денджызы сакъадахон паддзахад Науруйы, кæцы банымадта Абхаз мæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, ног президентæй сæвзæрстой политик Дэвид Адеангы. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости новозеландаг радио RNZ-мæ æрвитгæйæ.
Дэвид Адеанг зындгонд у кубæйы æвварс кæй хæцыд æмæ АИШ кæй критикæ кодта, афтæ ма нымад у Науруйы закъондæттæгты ветерантæй иуыл, уыд парламенты спикер 2004-2008 азты, куыста министрты бынæтты, йæ фыд та йæ рæстæджы æртæ хатты ссис паддзахады президент.
Банысангонд æрцыд, Аденгы кæй сæвзæрстой сусæг хъæлæсæппæрстæй парламенты. Раздæры президент Расса Кунайæн рахастой импичмент.
Республикæ Науру банымадта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2009 азы 16 декабры. Афтæ ма республикæйы хæдбардзинад банымадтой Уæрæсе, Никарагуа, Венесуэла æмæ Сири.