— Базон-базон хуыйæн кæри хæргæйæ йæ хъусыл дур куы ныццæвай, уæд цæмæн фæхъус вæййы? — афарста Тъури Бурийы.
— Æмæ ма йæ дæхæдæг зæгъ! — йæ бур сæр аныхгæйæ, загъта Бури.
— Æз... Æз æй, гъай-гъай, зæгъдзынæн! —ралæхурдта Тъурийы гуылæвзаг.
— Йа ма, уæдæ, кæддæра йæ æз куыд зæгъынмæ хъавын, афтæ йæ зæгъис.
— Нæ, ды уал зæгъ, æз дын радтон фарста,—бахудгæйæ загъта Тъури æмæ йæ уыдырныджын уадултæ аныхта.
— Зæгъ мын уæдæ, цæй дымæгмæ мын дæттыс ахæм фарста? — афарста Бури. — Зæгъ уал, стæй дын æй зæгъдзынæн!
— Нæ, ды уал зæгъ!
— Нæ, ды уал зæгъ! — тæргай хуызæй загъта фæстагмæ Бури æмæ йæ фындз аууæрста.
— Уæдæ йæ нæ зоныс, æмæ йыл басæтт, — йæ дæндæгтæ базыхъхъыр кæнгæйæ, сдзырдта Тъури.
Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.