Хуссар Ирыстоны хæстонтæн, кæцытæ исынц хайад Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы Украинæйы радон хатт арвитдзысты гуманитарон æххуыс. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта республикæйы парламенты экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады комитеты сæрдары хæдивæг Къуезерты Арсен.
"Ацы хатт нæ уаргъы фылдæр хай уыдзысты медикаменттæ. Куыд уазал кæны, афтæ нæм бахатыдысты, зæгъгæ, сæ кæй хъæуы хостæ", - радзырдта ныхасæмбал.
Депутат бафтыдта, æнæмæнхъæуæг æхцайы фæрæзтæ арæх æрвитынц республикæйы цæрджытæ, сæ иу Знауыры районы скъолайы ахуыргæнинаг – конкурсы цы æхца рамбылда – 50 мин сомы, уыдон радта СÆО хæстонты æххуысæн. Афтæ ма æххуыс кæнынц "Альбион"-ы скъолайы ахуыргæнджытæ, "РХИ Адæмон парти" æмæ республикæйы президент Гаглоты Алан.
Бæстондæрæй интервьюмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.