Хуссар Ирыстон райсдзæн хайад Санкт-Петербурджы Æхсæнадон культурон форумы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон фæхуыдтой Санкт-Петербурджы IX Æхсæнадæмон культурон форумы хайад райсынмæ. Республикæйы культурæйы министр Дзæгъойты Радайы ныхæстæм гæсгæ, райста хонæн йæ уæрæсейаг коллегæ Ольга Любимовайæ.

"Ноябры æмбисы Уæрæсейы ацæудзæн глобалон культурон мадзал. Ныртæккæ у фарастæм Æхсæнадæмон фестиваль, уый фæлгæтты Уæрæсейы æмæ хæларадон паддзахадты раззагондæр культурæйы архаджытæ иумæ æрдзурдзысты нырыккон культурон фалздусы актуалон фастатыл", - загъта культурæйы министр.

Форум ацæудзæн Уæрæсейы культурон столицæйы 16 ноябрæй 18 ноябрмæ.