Хуссар Иры аиуварс кодтой контрабандистты архайд Гуырдзыстонмæ æртаг ласыны фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik. Контрабандистты организацигонд фыдгæнон къорд, кæцы ласта егъау гуырахсты æртаг Хуссар Ирыстонæй Гуырдзыстонмæ, аиуварс кодтой республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) кусджытæ Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) Арæнгæрон дæлхайадимæ иумæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы ПÆК пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, контрабандистты архайд аиуварс кæныны фæдыл мадзæлттæ уагъд цыдысты Хуссар Ирыстоны президенты санкцийæ.
"Фыдгæнон къорды уæнгтæ сорганизаци кодтой æртаджы æнæлегалон æрбаласт Хуссар Ирыстонæй Гуырдзыстоны территоримæ. Уыимæ иумæ æнæкусгæ мелиорацион системæйы донвæдтæй иуы фыдгæнджытæ нывæрдтой пластикон трубæ, кæцы цæуы Гуырдзыстонмæ. Æмбæхст исæн æртагон коллектор контрабандисттæ сарæзтой Цхинвалы хуссарварс кæрон", - радзырдтой уагдоны.
Оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæджы 14 ноябры æхсæвы æрцахстой Цхинвалы цыппар цæрæджы, уыдон уыцы рæстæджы фæнд кодтой арвитын Гуырдзыстонмæ æртаджы 50 тонны.