Ленингоры районон тæрхондоны сæргъ слæууыд Гуыбиаты Батыр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 дек - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент хорзыл банымадта Гуыбиаты Батыры кандидатурæ Ленингоры районон тæрхондоны разамонæджы бынатмæ.
Йæ кандидатурæ йын парламентмæ бахаста президент Гаглойты Алан.
Гуыбиаты Батыры кандидатурæ уый размæ хорзыл банымадта закондæттæг органы президиум.