Коцты Константин: Гуырдзыстон нырма цæттæ нæу арæны делимитацийыл дзурынмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркаци хъуамæ цæуа иумæйагæй, фехъусын кодта президенты уынаффæгæнæг, хуссарирыстойнаг делегацийы разамонæг Фæскавказаг æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы Коцты Константин.
Женевайы 5-6 декабры ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл дискусситы радон раунд. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ Sputnik пресс-центры ацыд Коцты Константины пресс-конференци. Уый банысан кодта, дискусситы сæйраг темæтæй иу кæй у дыууæ паддзахады æхсæн арæныл уавæр.
"Мах констатаци кæнæм стабилон уавæр, кæцымæ гæсгæ хъуамæ ма уой карз зындзинæдтæ. Фæлæ уыимæ иумæ мах нæ цæст дарæм арæх æрцæугæ провокацитæм арæныл Гуырдзыстоны рдыгæй. Ацы проблемæйы скъуыддзаг у æнцон – бадзурын арæны делимитаци æмæ демаркацийыл, цæмæй алкæцы адæймаг дæр æмбара, цы ран цæуы паддзахадон арæн æмæ йæ кæй нæй гæнæн халын", - загъта президенты уынаффæгæнæг.
Пресс-конференция с Константином Кочиевым
Коцты Константин бахахх кодта, арæны хæххытæ, кæцытæ баззадысты советон историйæ, раст æвæрд нæ уыдысты арæнгæрон районты цæрджыты интерестæ хынцгæйæ. Уымæн æмæ кæмдæрты ис уæлмæрдтæ, дзуæрттæ, æндæр объекттæ, кæцытæ гæнæн ис фæивын.
"Гуырдзиаг хайадисджытæ нырма цæттæ не сты дзурын арæны делимитацийыл, фæлæ мæ уырны, мах уымæ уæддæр кæй æрцæудзыстæм. Гуырдзыстоны ныридæгæн райхъуысы, кæй хъæуы дзурын ирæттæ æмæ абхазæгтимæ, цæмæй сбæлвырд кæной арæны хахх", - загъта уый.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый хъуамæ уа уимæйаг куыст куыд æппæт дунейы, кæннод арæныл арæх уыдзысты конфликттæ æмæ цаутæ.