ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин комкоммæ линийы рæстæджы фехъусын кодта, сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) нысæнттæ кæй нæ ивынц.
"Дзырд цæуы Украинæйы нейтралон статусыл, денацификаци æмæ делимитаризацийыл. Киевы дзырдтой, нацисттæ сæм кæй нæй, фæлæ, Киевы администрацийы разамонæг лæугæйæ куы къухæмдзæвгъд кодта СС раздæры солдатæн, уæд уый нацификацийы миниуæг нæу?", - загъта Путин.
Афтæ ма Путин бафтыдта, зæгъгæ, Украинæ исы бирæнымæц хæцæнгарз, фæлæ уæрæсейаг æфсæддонтæ дарддæр æнтыстджынæй куынæг кæнынц ацы хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджытæ, æмæ уымæй уадзынц делимитаризаци.
Уымæй дарддæр Уæрæсейы президент банысан кодта, мобилизацийы фыццаг уылæны рæстæджы кæй æрæмбырд кодтой 300 мин адæймаджы. Ацы адæм иттæг хорз хæцынц, уыдонæй 14 ссисты Уæрæсейы Хъайтартæ. 244 мин адæймаджы сты хæстон архæйдтыты зонæйы. 41 мин адæймаджы ацыдысты службæйæ се ‘нæниздзинады уавæры тыххæй.
Мобилизацийы дыккаг уылæны тыххæй фарстыл дзуапп дæтгæйæ Путин фехъусын кодта, ацы тæккæ уый кæй нæ хъæуы.