Иууылдӕр бафӕлладысты долларӕй: Лавров схуыдта америкӕйаг валютӕ режимтӕ ивыны инструмент

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik. Иууылдӕр бафӕлладысты долларӕй, кӕцыйӕ пайда кӕнынц режимтӕ раивынӕн ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты мидӕггагон хъуыддӕгтӕ феххалынӕн, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) разамонӕг Сергей Лавров йӕ интервьюйы РИА Новости ӕмӕ телеканал "Россия 24"-йӕн.
"Иууылдӕр бафӕлладысты долларӕй, кӕцы ссис ӕндӕвдады инструмент, алыхуызон регионты бӕстӕты законон конкурентон позицитӕ фехалыны инструмент ӕмӕ режимтӕ аривыны инструмент", - загъта министр.
Уæрæсейы ФХМ разамонæджы хæдивæг æрдзырдта æдасдзинадыл Хуссар Ир æмæ Абхазы минæвæрттимæ