Цхинвалы равдисдзысты национ балет "Фатимӕ"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 янв – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады хуындмæ гæсгæ Цхинвалы æвдыст æрцæудзæн национ балет "Фатимӕ" Плиты Жаннайы музыкӕ æмæ Хетæгкаты Къостайы уацмысмæ гæсгæ. Равдыст нысан у гениалон композиторы ацыды бонмæ, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службæйы.
Равдыст ацæудзæн 22 январы – Плиты Жаннæйы мæлæты бон. Йæ премьера та уыд Дзæуджыхъæуы ивгъуыд азы кæрон.
"Дзæуджыхъæуы равдысттæ ацыдысты тынг хорз, балет стыр цымыдис сæвзæрын кодта æхсæнады, мах аскъуыддзаг кодтам - хъуамæ йæ феной Плиты Жаннæйы райгуырæн зæххыл дæр", - загътой министрады.
Хетæгкаты Къостайы поэмæйы мотивтæм гæсгæ балет "Фатимæ" æвæрд æрцыд маэстро Гергиты Валерийы хъæппæрисæй композиторы ном ссарыны нысанæн.

Равдыстыл куыста профессионалты стыр командæ: хореограф-æвæрæг – Найфонты Давид, режиссер Дзудцаты Тамерлан, равдысты аивадон разамонæг – Гергиты Валерий.

Плиты Жанна у Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, номдзыд композитор, пианисткæ, Уæрæсейы Паддзахадон премиты лауреат.