Хуссар Иры нывæндынц бакæнын 11 фадыджы УФ президенты æвзæрстытæм

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны территорийыл нывæндынц бакæнын 11 æвзарæн фадыджы, кæцыты фадат уыдзæн схъæлæс кæнын Уæрæсейы президенты æвзæрстыты. Уый тыххæй фехъусын кодта уæрæсейаг минæвар Хуссар Иры Марат Кулахметов рабадты рæстæджы, кæцы цыппæрæмы ауагъта президент Гаглойты Алан.
Уæрæсейы Федерацийы президенты æстæм æвзæрстытæ ЦÆК скъуыддзагмæ гæсгæ ацæудзысты 2024 азы 15-17 марты. Бæстæйы президент æвзæрст цæуы æхсæз азмæ.

"Ацы æвзæрстытæ хицæн кæндзысты уымæй, æмæ уагъд цæудзысты цалдæр боны дæргъы. Хуссар Ирыстоны территорийыл нывæндæм бакæнын 11 æвзарæн фадыджы: уыдонæй æхсæз Цхинвалы æмæ фондз та республикæйы цæрæн пунктты", - загъта минæвар.

Минæвар бахахх кодта, развæлгъау информацимæ гæсгæ Цхинвалы фадгуытæ уыдзысты фыццæгæм, фæндзæм æмæ æхсæзæм скъолаты бæстыхæйтты, афтæ ма Профцæдисты советы æмæ бирæпрофилон колледжы бæстыхæйтты æмæ уæрæсейаг минæварады территорийыл.
Æвзарæн фадгуытæ ма бакæндзысты Ленингор, Знауыр, Дзау, горæт Къуаиса æмæ Дменисы хъæуы.
Хуссар Иры нывæндынц бакæнын 11 фадыджы УФ президенты æвзæрстытæм