Хуссарирыстойнаг æрмхæцджытæ ссисты Цæгат Иры чемпионаты уæлахиздзаутæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik. РЦИ-Аланийы чемпионаты армрестлингæй æртæ хуссарирыстойнаг æрмхæцæджы ссисты уæлахиздзаутæ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ.
Армрестлингæй ерыстæ цыдысты Дзæуджыхъæуы 20 æмæ 21 январы.
"Фыццаг бынат 80 кг категорийы бацахста Хæбæлаты Арсен. Гасситы Сослан рамбылдта сыгъзæрин майдан 110 кг уæзы категорийы. Ацы уæзы категорийы ма æртыккаг бынатыл ацыд Бететы Алан", - дзырдæуы хъусинаджы.
Комитеты ма банысан кодтой, ерысты фæстиуджытæм гæсгæ спортсментæ кæй бахиздзысты Цæгат Ирыстоны командæйы скондмæ.
Гасситы Сослан æмæ Хæбæлаты Арсен