Куыстой ӕнӕхъӕн ӕхсӕв: Хуссар Иры районты дарддӕр сыгъдӕг кӕнынц фӕндӕгтӕ митӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 фев – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фӕндагон службӕтӕ суткӕйӕ фылдӕр сыгъдӕг кӕнынц Цхинвал-Ленингор трассӕ, фехъусын кодта республикӕйы автомобилон фӕндӕгты арӕзтады комитеты разамонӕг Гӕбӕраты Алан.
"Уӕззау трассӕ у, ӕмӕ дзы ноджы ныууарыд бирӕ мит. Знон аскъуыддзаг кодтам, техникӕйы хай кӕй адарддӕр кӕндзӕн йӕ куыст районмӕ фӕндагыл, аннӕ хай та ацӕудзӕн Громы хъӕуы уылты, ӕмӕ комы бӕрзӕндӕй ӕрцӕудзӕн бынмӕ мит хафгӕ. Ныртӕккӕ уыдон фембӕлдысты", - радзырдта Гӕбӕраты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, трассӕйы фылдӕр хай ссыгъдӕг кодтой, ныр та фӕндагон службӕтӕ кусдзысты фӕндаг рауӕрӕх кӕныныл.
Комавтодоры сӕргълӕууӕг ма банысан кодта, фӕндагон службӕты кусджытӕ ма ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ӕмӕ райсом куыстой Дзауы районы, уыдон сыгъдӕг кодтой Къуаисӕмӕ фӕндаг.
Хуссар Иры районты дарддӕр сыгъдӕг кӕнынц фӕндӕгтӕ митӕй