Транскамы бырынцъаг фæндаджы аххосæй сæмбæлдысты дыууæ хæдтулгæйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 фев – Sputnik. Транскамы бырынцъаг фæндаджы аххосæй æрцыд фæндагон-транспортон цау (ФТЦ) дыууæ хæдтулгæйы хайадистæй, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Авари æрцыд Дзауы районы Уанелы хъæуы цыппæрæмы райсом.
"Бырынцъаг трассæйы аххосæй "Toyota Camry" æмæ "Toyota Land Cruiser 200"-ы шофыртæ нæ сырæхстысты скъæрын æмæ сæмбæлдысты", - банысан кодтой пресс-службæйы.
ФТЦ фæстиуæгæн бахъыгдард "Camry"-йы шофыр, уый бахъуыд госпитализаци.
Транскамы бырынцъаг фæндаджы аххосæй сæмбæлдысты дыууæ хæдтулгæйы