ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik. Экономикон фыдракæндтимæ тохы фæдыл фæткдаруаты кусджытæ не ‘руагътой æнæзаконон базарад Цхинвалы æртæ дуканийы.
Пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы дуканиты амалиуæгадон архайд æххæст цыд æнæ паддзахадон регистраци кæнæ лицензийæ.
Фæткхалджыты ныхмæ сарæзтой æрмæджытæ административон фæткхалды фæдыл, уыдон æрвыст æрцæудзысты тæрхондонмæ.