Паддзахадон драмон театр цæттæ кæны ног спектакль "Саухъус æлдар"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 янв - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры активон куыст цæуы Гаглойты Владимиры уацмыс "Гъе, мардзæ, исчи"-мæ гæсгæ спектаклыл.
Ныртæккæ спектаклы фæлгонцтæ адих кодтой, уагъд цæуынц репетицитæ, цæттæ кæнынц декорацитæ. Сфæлдыстадон къорд нывæнды равдисын трагикомеди марты.
"Спектакль "Саухъус æлдар" æвæрд цæуы Гаглойты Владимиры пьесæмæ гæсгæ. Уый фыст æрцыд йæ уацмыс "Гъе, мардзæ, исчи"-мæ гæсгæ. Чиныг ратæлмац кодтой дунейы бирæ æвзæгтæм. Рагæй йæ бафарстон, фæндыд мæ экранизаци дæр æй скæнын. Кино аразыны фадат нын нæй, фæлæ уал сæвæрдзыстæм спектакль", - загъта режиссер Чилæхсаты Эдуард.
Режиссеры хъуыдымæ гæсгæ, ацы спектаклы актерон сконд иттæг хорз равдисдзæн хъайтарты фæлгонц.
"Тынг цымыдисон сæм уыдзæн бакæсын. Спектаклы хъазынц Гаглойты Артур, Мæргъиты Инга, Куымæридтаты Батрадз, Кокойты Нина, Натия Чохели, Туаты Алан, Хаситы Сослан, Хуыгаты Альбина æмæ Бестауты Мирослав", - загъта режиссер.