ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы микрорайон БАМ-ы майрӕмбоны бакодтой ӕртыккаг уӕлӕмхас офис Сбербанкӕн.
Ног куыстуат фӕрог кӕндзӕн аннӕ хайӕдты куыст ӕмӕ ахъаз уыдзӕн столицӕйы цӕгатварс цӕрджытӕн. Офисы бакӕныны официалон церемони ӕрӕмных кодтой Хуссар Ирыстоны Сбербанчы бындурӕвӕрды бонмӕ, кӕцы ацыд 16 февралы 17 азы размӕ.
Мадзалмӕ ӕрбацыдысты хицауады сӕрдар Джуссойты Константин, Цхинвалы мэр Хуыгаты Ромео, парламенты депутаттӕ, Национ банчы разамынад ӕмӕ ӕндӕр официалон гоймӕгтӕ.
"Хицауады куысты приоритеттӕй иу паддзахадон лӕггӕдтӕ саразын ӕнцонвадат, сӕ нымӕцы банкон фадыджы дӕр. Цӕгатварс цӕры бирӕ адӕм, ӕмӕ коммуналон лӕггӕдтӕ фидыны тыххӕй сӕ хъуыд центрмӕ цӕуын, ныр ацы проблемӕ лыг ӕрцыд",- загъта Джуссойты Константин.
Сбербанчы хистӕр Бекъойты Сослан банысан кодта, ног хайады кусдзӕн ӕхсӕз адӕймаджы.
"Ӕппӕт лӕггӕдтӕ дӕр уыдзӕн ацы хайады дӕр. Арвитӕн уыдзӕн фӕрӕзтӕ дунейы ӕппӕт бӕстӕтӕм, баивын ӕхца, уыдзӕн спайда кӕныны фадат ӕппӕт лӕггӕдтӕй",- загъта Бекъойты Сослан.
БАМ-ы уӕвӕг банчы ног хайад ссис ӕртыккаг уӕлӕмхас офис, уый размӕ ма дзы конд ӕрцыд Харебаты Исахъы фынгыл ӕмӕ Джиоты Аланы проспектыл.