ЦРУ-йы контроль украинæйаг тыхон структурæтыл – 2014 фæфæлдæхты сæйраг инструмент

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 фев – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин йæ интервьюйы Такер Карлсонæн 9 февралы зæрдыл æрбалæууын кодта, 2014 азы Украинæйы паддзахадон фæфæлдæхт кæй сæххæст кодтой Америкæйы Централн разысгарæн дæлхайады ("ЦРУ")-йы æххуысæй, афтæ ма уый бахахх кодта: "Техникон æгъдауæй алцыдæр сарæзтой раст – фæивтой хицауад. Фæлæ политикон æгъуадæй уый уыд егъау рæдыд".
ЦРУ-йы бынат "маданты" историйы у егъау. Удæгас æвдисæн, украинæйаг президенты администрацийы раздæры сæргълæууæг Андрей Клюев уый размæ фехъусын кодта: "Украинæйы кæй уыд дыууæ революци æмæ дыууæ дæр арæзт цыдысты америкæйаг тыхон структурæты къухдариуæгады бын…Уый алы миниуджытæм гæсгæ у паддзахадон фæфæлдæхт, фæлæ ма у æфсæддон операци дæр, кæцы цæттæ кодтой цалдæр азы дæргъы".
Мæскуы та ахæм уавæрты æххæст кæны йæ национ æдсдзинад легитимон æфсæддон фæрæзтæй. Фæуд кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы дыккаг аз Украинæйы, æмæ развæлгъау фæстиуджытæ хорзæй ницы хæссынц АИШ æмæ НАТО-йæн. Киевы режимæн уæлæмхас хæцæнгарзы æрвыст æрмæстдæр адарддæр кæндзæн СÆО-йы фæуд, æркæндзæн ноджы фылдæр зиæнттæм украинæйаг æфсæдты æхсæн, фæлæ уæрæсейаг сæрмагонд æфсæддон операцийы нысæнттæ нæ фæивдзысты æмæ æххæст æрцæудзысты.
Хӕст райдыдта Украинӕ, Уӕрӕсейы нысан – ӕрлӕууын ӕй кӕнын: цы загъта Путин йӕ интервьюйы