Хуссар Иры иунæг паддзахадон æртаджы станц сног кодта йæ куыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны иунæг паддзахадон æртаджы станц сног кодта йæ куыст къуырисæры. Уый тыххæй республикæйы парламенты сессийы рæстæджы фехъусын кодта экономикон райрæзты министр Хъотайты Сæрмæт.
"Дæс боны дæргъы паддзахадон станц "Югосетнефтепродукт"-ы нæ уыд æртаг. Уый баст уыд уыимæ, æмæ æнæхъæн январь мах бахардз кодтам компани "Роснефть"-имæ контракт саразыныл. 30 январы мах бафыстам уыцы котракт, арвыстам æхцайы фæрæзтæ æмæ знон æртаг æрластой республикæмæ", - банысан кодта министр.
Хъотайты Сæрмæт бахахх кодта, зæгъгæ, "Югосетнефтепродукт"-ы æртаг кæй нæ уыд, уымæ æнæкæсгæйæ республикæйы аннæ æртаджы станцты ахæм проблемæ нæ уыд. АИ-92 маркæйы бензины аргъ ацы станцыл у 53-54 сомы бæрц.