Адӕмон инструментты оркестр "Айзӕлд" ралӕудзӕн Цхинвалы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны адӕмон инструментты паддзахадон оркестр "Азӕйлд" ауадздзӕн концерт Ӕхсӕнадӕмон сылгоймӕгты боны хӕдразмӕ, хъусын кӕны Культурӕйы министрады пресс-службӕ.
Концерт ацӕудзӕн Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры 4 марты 18.00 сахатыл.
Кӕсджытӕн ма хорз хабар у уый, ӕмӕ "Айзӕлд"-ы концертмӕ бацӕуыны фадат уыдзӕн алкӕмӕндӕр ӕнӕаргъӕй.