Уæрæсейаг инвестор нывæнды скусын кæнын æхсыры фермæ Аунеуы хъæуы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 мар - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хисæрмагонд инвестор Уæрæсейæ нывæнды скусын кæнын æхсыры фермæ Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Аунеуы хъæуы, фехъусын кодта журналисттæн районы администрацийы разамонæг Гобозты Алан.
"Махмæ æрбадзырдта хисæрмагонд инвестор, цæмæй скусын кæна æхсыры завод Аунеуы хъæуы. Уый нæ ракуырдта паддзахадон æххуыс", - загъта Гобозты Алан.
Администрацийы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, инвесторæн ныридæгæн ис куысты фæлтæрддзинад, "уымæн ис 900 ставдкъах фосы Уæрæсейы".
"Инвесторы ном тагъд рæстæджы фехъусын кæндзыстæм", - бафтыдта районы разамонæг.
Аунеуы базардон-æхсыры фермæйы арæзтад райдыдта 2011 азы, фæлæ нæ фæцис финанскæнынадимæ проблемæты тыххæй.
Гобозты Алан