Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024

Хуссар Ирӕн Путин ӕмӕ Уӕрӕсе нӕ дих кӕнынц – Гаглойты Алан

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 мар - Sputnik. Цалдӕр боны фӕстӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмбӕстӕгтӕ Хуссар Ирыстоны хайад райсдзысты Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты фӕдыл хъӕлӕскӕнынады. Ацы ахсджиаг политикон цауӕн ис стыр нысаниуӕг нӕ бӕстӕйы адӕмӕн дӕр. Уый тыххӕй радзырдта РХИ президент Гаглойты Алан йӕ ныстуаны адӕммӕ.
"Хуссар Ирыстоны иууылдӕр ӕмбарынц, куыд уӕззау уавӕр ис дунейы ӕмӕ цы уавӕрты ис куыд нӕ стратегион партнер, афтӕ нӕ паддзахад дӕр. Сӕ цӕдисон хӕс ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Хуссар Ирыстоны хӕстонтӕ сӕ уӕрӕсейаг ӕфсымӕртимӕ иумӕ сты тохы быдыры Донбасс ӕмӕ Запорожьейы зӕххыл. Мах зонӕм, ӕнӕ тыхджын Уӕрӕсейӕ кӕй нӕ уыдзӕн Хуссар Ирыстон дӕр. Ацы тохы гӕнӕн ис рамбулын, нӕ тыхтӕ куы ӕрбаиу кӕнӕм ӕмӕ куы балӕууӕм иунӕг лидеры фарс, уӕд. Уыцы лидерӕй адӕм уынынц Владимир Владимиры фырт Путины", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Хуссар Ирыстоны президент банысан кодта, Владимир Путинмӕ кӕй ис ахӕм миниуджытӕ, куыд бӕрндзинад, иузӕрдыгдзинад равзаргӕ хъуыддагӕн, хъӕбатырдзинад, уӕззау историон моментты скъуыддзӕгтӕ исыны зоныдзинӕдтӕ.
Гаглойты Алан фидарӕй загъта, Хуссар Ирыстоны адӕм сӕ зӕрдӕты ныридӕгӕн кӕй сарӕзтой сӕ равзӕрст.