Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024

Гаглойты Алан раарфæ кодта Владимир Путинæн йæ уæлахизы цытæн УФ президенты æвзæрстыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан республикæйы адæм æмæ йæхи номæй раарфæ кодта Уæрæсейы президент Владимир Путинæн йæ уæлахизы цытæн президентон æвзæрстыты.
"Дæ къухдариуæгады бын бæстæ размæ цæуы æмæ Уæрæсейы позицитæ дунейы фидар кæнынц. Дæ удуæлдай куысты руаджы экономикæ райтынг æмæ æххæст цæуы æмбæстæгты хæрзæбон", - хъусын кæны Гаглойты Аланы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Хуссар Ирыстоны президент бахахх кодта, Уæрæсейы адæм кæй сарæзтой иунæг раст æвзæрст, кæцыйы фæрцы бæстæ дарддæр цæудзæн нывæстгонд курсыл, уыдзæн ноджы тыхджындæр æмæ æнтыстджындæр.
Гаглойты Аланы зæрдæ загъта Владимир Путинæн æнтыстджын куыст паддзахады сæргълæууæджы бынаты.
Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024
Хуссар Иры Владимир Путинæн схъæлæс кодтой æвзарджыты 97%