Хуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ дыууӕварсон ӕфсӕддон ӕмгуыстады фӕлгӕтты, хъусын кӕны цыппӕрӕмы хуссарирыстойнаг хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕ.
Балцы фӕлгӕтты уӕрӕсейаг делегаци фембӕлд Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады къухдариуӕгад ӕмӕ паддзахадон органты минӕвӕрттимӕ.
"Боны фӕткы сты Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхты 4-ӕм гвардеон ӕфсӕддон базӕйы архайды фарстытӕ", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Балцы фӕлгӕтты ма ацӕудзӕн ноджы къорд мадзалы, бафтыдтой уагдоны.
Хуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци