Хуссар Иры парламенты ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 9 июны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан къуырисӕры официалон ӕгъдауӕй снысан кодта радон парламентон ӕвзӕрстытӕ ауадзыны датӕ – 2024 азы 9 июнь.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны "Парламенты депутатты ӕвзӕрстыты" Конституцион законы 5 статьяйы дыккӕгӕм хаймӕ гӕсгӕ рахастон уынаффӕ: снысан кӕнын Республикӕ Хуссар Ирыстоны парламенты депутатты ӕвзӕрстытӕ 2024 азы 9 июны", - дзырдӕуы барамынды тексты, кӕцы нымыхуыр кодтой паддзахады сӕргълӕууӕджы сайтыл.

Барамынд бацыд йӕ тыхы йӕ бафысты бон.