Парламент бахаста ивындзинæдтæ Хуссар Иры территорийыл ЕАЭС барты архайды фæдыл законмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауадæн йæхицæн уыдзæн бар нысан кæнын таможнæйон хъалонтæ транспортон фæрæзтыл, кæцытæ æрбаласынц республикæмæ.
Майрæмбоны парламенты депутаттæ бахастой æмбæлон ивындзинæдтæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Евразиаг экономикон цæдисы (ЕАЭС) æмæ Уæрæсейы таможнæйон законады барты архайды фæдыл законмæ.
"Ивындзинæдтæ хынцгæйæ Хуссар Ирыстоны хицауадæн фадат уыдзæн снысан кæнын таможнæйон хъалонтæ физикон гоймæгтæ республикæйы территоримæ транспортон фæрæзтæ куы ласой, уæд", - бахахх кодта бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Джиоты Елена.
Абон парламент сратификаци кодта протокол, кæцымæ гæсгæ республикæ рахиздзæн Евразиаг экономикон цæдисы æмæ Уæрæсейы таможнæйон хъалонты тарифмæ.