Цхинвалы байгом СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстонтӕн нывонд стенд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы администрацийы бӕстыхайы бакодтой мемориалон стенд "Помним, чтим, гордимся" хуссарирыстойнаг хӕстонты къамтимӕ, кӕцытӕ фӕмард сты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО).
43 зынгхуыст хӕстоны рухс ном ссарынмӕ ӕрбацыдысты сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ, афтӕ ма ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ. Фыдохы мадзалы организатор уыд ветеранты горӕтон совет. Советы сӕрдар Хуыбылты Руслан загъта ӕнцойы ныхӕстӕ хӕстонты хиуӕттӕн.
Цхинвалы байгом СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстонтӕн нывонд стенд
Проекты инициатор, ветеранты горӕтон советы секретарь, адӕмон ахуыргӕнӕг Бестауты Аза банысан кодта Хуссар Ирыстоны хӕстонты хъайтардзинад.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ветеранты совет нывӕнды президенты барлӕвӕрдӕй рауадзын чиныг хуссарирыстойнаг хъахъхъӕнджыты тыххӕй.
Фарастӕм маймӕ стенд балӕвар кӕндзысты Цхинвалы ӕртыккаг астӕуккаг скъолайӕн.
Цхинвалы байгом СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстонтӕн нывонд стенд