Хуссар Иры МХМ æмæ ПÆК ауагътой рейдтæ мигрантты цæрыны бынæтты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 апр - Sputnik. Миграцийы фæдыл фæткдаруаты кусджытæ сæ коллегæтимæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитетæй (ПÆК) ауагътой рейдтæ фæллойадон мигрантты цæрыны бынæтты. Уыдон басгæрстой 74 хæдзары, цы ран рæстæгмæ цæрынц 230-æй фылдæр фæсарæйнаг æмбæстаджы, хъусын кæны РХИ Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Тыхон структурæты кусджытæ басгæрстой фæллойадон мигрантты документтæ, рейдты рæстæджы сбæрæг кодтой миграцион законады иу фехæлд.
"Тæрхондон фæивар кодта фæткхалæджы", - банысан кодтой министрады.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, миграцийы фæдыл фæткдаруат контроль кæны мигрантты ацыд æмæ æрбацыд республикæйы территоримæ, афтæ ма сæм сæ цæст дарынц бынаты, цæмæй миграцион законад ма фехалой.