ЦХИНВАЛ, 4 апр – Sputnik. Цхинвалы къухдариуæгад иуварс кæны дысоны тыхдымгæйы фæстиуджытæ.
Тыхдымгæйы фæстиуæгæн фехæлдысты уæлхæдзæрттæ Харебаты Исахъы æмæ микрорайон БАМ-ы бирæфатерон хæдзæртты.
"Знон нæ кусджытæ басгæрстой фадыг æмæ райсом авд сахатæй фæстæмæ куыст цæуы тыхдымгæйы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл. Кæд боныгъæд фадат радта, уæд уæлхæдзæртты цалцæг фæуыдзæн боны дæргъы", - дзырдæуы Цхинвалы администрацийы пресс-службæйы хъусинаджы.
Администрацийы бафтыдтой, зæгъгæ, цæрæнуатон-эксплуатацион конторæйы кусджытæ дарддæр сгарынц горæты районтæ, цæмæй сбæрæг кæной æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ.