Хуссар Иры паддзахадон драмон театр бавдисдзæн æппæтуæрæсейаг фестивалы Цæцæны "Сау нымæт"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр хайад райсдзæн националон театрты Æппæтуæрæсейаг фестиваль "Федерация"-йы, кæцы ацæудзæн ацы аз сентябры Цæцæны. Уый тыххæй Sputnik-ы пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта республикæйы культурæйы министр Зæгъойты Рада.
"Мах бавдисдзыстæм ацы фестивалы спектакль "Сау нымæт", - банысан кодта министр.
Зæгъойты Рада бафтыдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны культурæйы министрад нывæнды дарддæр уæрæх кæнын æмгуыстад алыгъуызон уæрæсейаг регионтимæ.
Зæгъойты Рада