Хуссар Иры паддзахадон хор ссис æппæтуæрæсейаг конкурс "Весна талантов"-ы лауреат

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 апр - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны президенты дæлбар ирон национ зарæджы паддзахадон хор æмæ сывæллæтты хор ссис æппæтуæрæсейаг конкурс "Весна талантов"-ы фыццаг къæпхæны лауреат Нальчикы. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта хоры аивадон разамонæг Къæбысты Сæрмæт.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, конкурсы хайад истой Цæгат Кавказы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг коллектив ралæууыд 6 æмæ 7 апрелы.
"Хоры кæстæр фæлтæд ралæууыд ацы конкурсы фыццаг блокы. Уыдонæн уый уыд фыццаг ралæуд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны территорийы æддейæ. Æмæ фыццаг хаттæн уыдон иттæг хорз ралæууыдысты", - загъта Къæбысты Сæрмæт.
Хоры разамонæг ма радзырдта фидæны нывæстысты тыххæй: уыдон майы кæрæттæм ауадздзысты Хуссар Ирыстоны хыгъдон концерт æмæ иумæйаг концерт æндæр хуссарирыстойнаг коллективтимæ.