Парламенты ӕрдзырдтой ветераны статус раттыныл СӔО-йы хуссарирыстойнаг хӕстонтӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 апр – Sputnik. Хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты рабадтыл ӕрдзырдтой хӕстон архӕйдыты ветераны статус раттыныл сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хуссарирыстойнаг хайадисджытӕн.
Комитеты сӕрдар Бибылты Ацӕмӕз банхъардта раттын ахӕм хайадисджытӕн алы социалон гарантитӕ дӕр, кӕцытӕ ӕмбӕлынц ветерантӕм.
Фӕллойады министр Гаглойты Олег бахахх кодта, законадмӕ ивындзинӕдты кӕй бахъӕудзӕн финансон фӕрӕзтӕ.
Рабадты кӕрон рахастӕуыд скъуыддзаг, цӕмӕй фарстыл дарддӕр бакусой уӕрӕсейаг фарсимӕ.
Хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты рабадт