"Ныхас" фехъусын кодта йӕ кандидатты номхыгъд парламентмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik, Козаты Диана. Политикон парти "Ныхас" ауагъта къуырисӕры ӕвзӕрстыты агъоммӕ уанел.
Партийы уанелы уыдысты президент Гаглойты Алан, раздӕры президент Тыбылты Леонид ӕмӕ парламенты раздӕры спикер Коцты Станислав.
"Ныхас" фехъусын кодта йӕ кандидатты номхыгъд парламентмӕ
"Ныхас" ацы ӕвзӕрстытӕм цӕудзӕн йӕ лидер Бесаты Зитайы къухдариуӕгады бын, кӕцы лӕууы кандидатты номхыгъды сӕргъ.
Дыккаг бынатыл ис президенты администрацийы сӕргълӕууӕг Мӕргъиты Алан. Партион номхыгъды дарддӕр цӕуынц президенты ӕххуысгӕнӕг Плиты Алан, фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Хуыбежты Руслан ӕмӕ президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Тыбылты Алан.
Парти ма раразмӕ кодта йӕ кандидатты фараст иумандатон зылды. Сӕ нымӕцы раздӕры депутат ӕмӕ президенты бынатмӕ кандидат Тасойты Дмитрий ӕмӕ МХМ ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл хайады хистӕр Гататы Лали.
Хуссар Ирыстоны парламенты ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 9 июны.